Фидиуӕг
СтатистикаЗынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацы каналы уӕ бон у ӕрвылбон фӕрсат/кӕсат ног хабӕрттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагыл! Стӕй-ма @ironkanal дарддӕр рекомендаци кӕнут уе 'мбӕлттӕн ӕмӕ уӕ хӕстӕджытӕн. Стыр бузныг, @ironkanal
- Последний пост
- 20:58
- Последнее чтение
- 02:49
- Постов за неделю
- 30
- Всего постов
- 148
- Тип
- открытый
- Язык
- русский
- В каталоге с
- 12 авг.
- 1/24сутки в ленте
- 266
- 1/48двое суток
- 304
- 1/72трое суток
- 328
Оценка по просмотрам недавних постов: пост набирает почти всё за первые сутки.
Посты
⚡️Хуссары Ирыстоны тагъд уыдзысты ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ уӕ кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй ӕгуыст баззайад ӕмӕ уӕ бынӕтты ӕрцӕугӕ хӕддзутӕ бадой, уӕд хъӕлӕс кӕнут хӕддзу Камболовӕн... @ironkanal
Хӕддзуйы куы равзарӕм, уӕд бирӕтӕ сӕ куыстуӕттӕ фесафдзысты ӕмӕ ӕгуыстӕй цы араздзысты? @ironkanal
☄️1⃣3⃣5⃣7⃣☄️Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард ирон хӕстон ТАБОЛТЫ МАРАТ 🔥 РУХСАГ У, ИРОН! ⏺ Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстонтӕ операцийы фӕмард сты 🤍1357 ирон хӕстоны. @ironkanal
⚡️ Каспийскы цы 22-аздзыд ирон чызг Цомарты Аннæ фесӕфт дыууӕ азы размӕ, уый ныр агурынц ӕрмӕст Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕнты дӕр. Цӕстӕйуынджытӕ дзурынц ӕмӕ чызджы федтой Дербенты. @ironkanal
без подписи
без подписи
без подписи
🏟 Меняйло цы фӕкодта ног стадион Спартак? Ӕхцатӕ цы фесты? @ironkanal
🤍 Ацы видео нын ноджы дӕр ирдӕй ӕвдисы Ирыстоны сӕйраг проблемӕ абон хистӕртӕ кӕй сты! Нал нӕм ис ирон нацийыл чи хъуыды кӕны ахӕм ирон хистӕртӕ ӕмӕ хистӕрты ныхас. @ironkanal
🔤 ИРОН ӔВЗАДЖЫ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ ТА ЦЫ ФӔЦИС ЦӔГАТ ИРЫСТОНЫ?! @ironkanal
⚡️ Хӕддзуты политикӕ Ирыстоны нысан кӕны ӕрмӕстдӕр иу: Ирыстоны нал уыдзӕн ирон националон политикӕ, ирондзинад ӕмӕ ирон ӕвзаг. Ирон нацийӕн тынг тӕссаг у абон ӕрбайсӕфтӕй, алырдыгӕй йӕ ассимиляци кӕнынмӕ хъавынц хӕддзуты фӕстӕ цы тыхтӕ ӕрбацӕуынц Ирыстонмӕ, уыдон. ©СТЫР НЫХАС
🤍 Нӕ республикӕйы бирӕ ӕмбӕстӕгтӕй фехъусӕм, президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы сӕ хъӕлӕс кӕй радзысты «против всех» зӕгъгӕ. Цӕимӕ баст у ацы хъуыддаг ӕмӕ цӕмӕн ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты нӕ адӕм? Раст зӕгъгӕйӕ, нӕ адӕм сӕхигъӕдӕй не рцыдысты ацы хъуыдымӕ — «ӕххуысгӕнджытӕ» сын ацы фарстайы тынг бирӕ уыд. Бирӕ рӕстӕджыты дӕргъы сын стыр ныфсытӕ ӕвӕрынц, стӕй сӕ ӕнӕраст фӕндӕгтыл былмӕ кӕнынц уыцы адӕм, кӕуыл баууӕндынц ӕмӕ президентӕй кӕй сывзарынц, уыдон. Ис ахӕм уырыссаг ӕмбисонд: «надежда умирает последней» зӕгъгӕ. Нӕ адӕмыл дӕр ӕрцыд растдӕр ахӕм хабар. Кӕд раздӕр бирӕ зындзинӕдтӕн быхстой, фӕрӕзтой уӕззау царды уавӕртӕ, ӕууӕндыдысты ӕмӕ ныфс ӕвӕрдтой иу «раззагонӕй», стӕй та иннӕмӕй, уӕд ныртӕккӕ бынтондӕр фӕивтой сӕ ахаст. Ацы хъуыддаджы мидӕг адӕммӕ ницы азым ис ӕрхӕссын — ӕцӕгӕйдӕр асаст сӕ ныфс. Ӕрцыдысты ӕфхӕрд иу къухдариуӕгадӕй, стӕй дыккагӕй, ӕртыккагӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ацы хъуыддаджы мидӕг нӕ къухдариуӕггӕнджытӕ «фескъуыхтысты» иннӕ бӕстӕтимӕ абаргӕй. Цӕвиттонӕн, хицауад адӕмы фарс хъуамӕ уа, зын дуджы та — бынтон тынгдӕр. Фӕлӕ, куыд зонӕм, афтӕмӕй махмӕ алцыдӕр зыгъуыммӕ арӕзт цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы алы кандидат дӕр адӕмы бартыл дзурӕг свӕййы, фӕлӕ президент суӕвгӕйӕ, адӕм ын свӕййынц фыццаг ӕзнаг. Ныртӕккӕ нӕ адӕм ахӕм зын уавӕрмӕ («деградацимӕ») кӕй ацыдысты, уый ӕдӕппӕтӕй дӕр у ивгъуыд къухдариуӕггӕнджыты аххосаг. Мах адӕм сӕ маст ӕвӕрынц арф ӕмӕ бирӕ, уымӕ гӕсгӕ сӕ фидӕныл дӕр сӕ къух систой. Нал сӕ ӕндавы, чи суыдзӕнис президент, «уӕддӕр мӕгуыр лӕджы хъарӕг кӕд кӕмӕ фехъуысы» зӕгъгӕ. ❗️ Ноджы ӕвзӕрдӕр та уыдзӕн, хӕддзу куы спрезидент уа Ирыстоны. #РӕстдзинадыӔхсӕрдзӕн #ӔхсӕнадонЦард #РХИполитикӕ #ӔмбӕстагонПозици @ironkanal
- Стадион Спартак цы фӕцис, ничи йӕ зоны? @ironkanal
🏟 Ногиры радио: абон дам Меняйлойы ӕрдӕгстадионы цӕуы хъазт, ничи федта цы фӕцис стадион? @ironkanal
🤍 Зын рӕстӕг у ныр ӕмӕ ирон наци хъуамӕ ссара тыхтӕ, цӕмӕй ирон дин, ӕгъдау ӕмӕ ӕвзаг ног ирон бинонтӕ дарддӕр кӕной! Хъыгагӕн, ӕцӕг хистӕртӕ нын нал ис Ирыстоны! @ironkanal
🏺 Арӕх фехъусын уырыссӕгтӕй, немыцӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр нацитӕй ахӕм ныхӕстӕ, кӕцыты уыдон катай кӕнынц сӕ национ дин сын чырыстон диныл кӕй баивтой.., ӕмӕ уыдон тынг кӕй хӕлӕг кӕнынц ирӕттӕм ӕмӕ ӕндӕр нацитӕм, кӕдонӕн сӕ бон 'сси сӕ национ дин бахъахъхъӕнын авраамон динтӕй ӕмӕ йыл абон дӕр фидар хӕцын. 🤍 Ирӕттӕ, ма ут осхъопилатӕ ӕмӕ зонут, цӕй стыр хӕзнайы хицӕуттӕ стӕм! @ironkanal
🪦 Соскъиты Владимиры цырттӕ ӕвзӕр кӕй сты, уый алы ирон дӕр хорз зоны, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ та?
🏺Ирон адӕмы ӕгъдӕуттӕ! #ИР #ЧЫЗГ #ФАРН #ИРОН #КУЫВД #НЫХАС #ӔГЪДАУ #ӔССДИН #ИРОНДИН @ironkanal
☄️ Соскъиты Владимирӕй ӕвзӕрдӕр скульптор не ссардзыстут Ирыстоны, кӕцы хынджылӕг кӕны ирон адӕмы минӕвӕрттӕй, фӕлӕ йӕ алырдыгӕй пиар кӕнынц ӕмӕ кӕнынц... @ironkanal
🤍 Ирыстон абон ис стыр демографикон кризисы, кӕцы ирон адӕмы ӕвӕры сӕфты къахыл. Ноджы ӕвзӕрдӕр та уый у ӕмӕ нӕм нал ис национ тыхтӕ, кӕдонӕн сӕ бон исты саразын у... ©СТЫР НЫХАС